25 марта 2026, 11:32
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта скъолаты спортивон клубты æппæтуæрæсеон спортивон хъæзтыты республикон къæпхæн
Архайынц дзы æппæт районтæй 100 скъоладзауы онг
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта скъолаты спортивон клубты æппæтуæрæсеон спортивон хъæзтыты республикон къæпхæн. Архайынц дзы æппæт районтæй 100 скъоладзауы онг. Ерыс кæнынц алы дисциплинæты: футбол, баскетбол, рог атлетикæ, спортивон квест. Скъолаты спортивон клубты хъæзтытæ арæзт цæуынц ныр 7-æм хатт. Сæ сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæры æнæниздзинад фидардæр кæнын. Республикон къæпхæны уæлахиздзаутæ архайдзысты федералон æмвæзады. Хъæзтытæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Габеты Вадим. Арфæтæ ракодта скъоладзаутæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта спортивон æнтыстдзинæдтæ.




