филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:00 четверг, 26 марта 2026
26 марта 2026, 10:52
Форум-семинар «Мах стæм иумæ – уый у нæ тых»

Фембæлд аразджытæ – республикæйы Фыдыбæстæйы æфсæддонты бинонты комитет æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ æбæрæгæй чи фæсæфти, уыцы æфсæддонты сывæллæттæн психологон æххуысы фарстатыл, протезтæ кæныны нырыккон гæнæнтыл æмæ æндæр ахсджиаг темæтыл ныхас цыди форум-семинар «Мах стæм иумæ – уый у нæ тых»-ы. Фембæлд аразджытæ – республикæйы Фыдыбæстæйы æфсæддонты бинонты комитет æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал. Мадзал бацæттæ кодтой Уæрæсейы адæмты иудзинады афæдзы фæлгæты. Форум сси диалоджы, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæныны æмæ культурон традициты рæзтæн гом фæз. Уыдысты дзы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, Цæгат Кавказы федералон зылды æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Форум æххæстгæнгæйæ дзы уыд бæрæгбоны концерт дæр. Уымæй уæлдай, бацæттæ кодтой, Советон Цæдисы хъæбатыры номы аккаг чи сси, ахæм фыццаг сылгоймаг Валентина Гризадубовайы цардвæндагимæ баст равдыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania