филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:22 четверг, 26 марта 2026
26 марта 2026, 10:56
Дегъуаты бинонтæ Цыколайæ систы Афæдзы бинонтæ

Фæуæлахиз сты æппæтуæрæсеон конкурсы

Дегъуаты бинонтæ Цыколайæ систы Афæдзы бинонтæ. Фæуæлахиз сты æппæтуæрæсеон конкурсы. Рустам æмæ Маринæ бирæ азты кусынц культурæйы къабазы. Музыкæмæ уарзондзинадæй фæхайджын сты сæ кæстæртæ дæр. Алкæцыдæр сæ хорз арæхсы зарынмæ, кафынмæ æмæ алыхуызон инструменттыл цæгъдынмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Музыкæ æрмæст уарзон хъуыддаг нæ, фæлæ цардыуаг кæмæн у, ахæм бинонтæ. Ам бонтæ *рвитынц, уарзон мелодитæ хъусгæйæ. Дегъуаты Рустам æмæ Тедеты Маринæйы бинонты цард у æнæкæрон концерты хуызæн. Бирæ азты размæ сæ бабаста музыкæ. Культурæйы кусджытæ уæвгæйæ, 10 азæй фылдæр лæггад кæнынц æрæфы районы культурæйы Галуанæн. Иумæ архайынц йæ музыкалон рæзтыл.

Тедеты Маринæ у зарæггæнæг æмæ вокалы ахуыргæнæг. Йе *рыгон бонтæй фæстæмæ йæ цард æнæ музыкæйæ нæ уыны. Йæ профессионалон фæндаг райдыдта Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы. Маринæ йæ зæрдæйы зарæг æмæ кафтмæ уарзондзинад æрмæст сæрыстырæй нæ хæссы, фæлæ дзы хайджын кæны бирæты. Районы культурæйы цардмæ æхсызгонæй хæссы йе *вæрæн. Зæгъæм, афæдзы дæргъы кусы эстрадон вокалы ахуыргæнæгæй. Афæдзы бинонты ном рамбулын ын уыд æнæхъæлæджы.

Дегъуаты Рустам у хæдахуыр музыкант. Сабийæ йæ райгуырæн хъæу Быдыры Дæргъæфсы культурæйы бынæттон артдзæсты сфæлдыстадон къорды куы архайдта, уæд сфæнд кодта йæ цард сценæимæ бабæттын. Дæсгай азты фæстæ Рустам, музыкант суæвгæйæ, æрмæст йæ бæллиц нæ сæххæст кодта, фæлæ ма аивадмæ æмхиц кæны сывæллæтты. Ахсджиаг у равзæрст дæсныйад зæрдæйæ уарзын, зæгъы музыкант.

Музыкæмæ уарзондзинадæй фæхайджын сты Рустам æмæ Маринæйы кæстæртæ. Дыууæ чызг æмæ дыууæ лæппуйæ алкæцыдæр арæхсы зарынмæ, кафынмæ æмæ алыхуызон инструменттыл цæгъдынмæ. Чызджытæй иу – Кристинæ хæрзчысылæй райдыдта национ кæфтыты къордмæ цæуын. Аивад уарзы, фæлæ йæ цард бабæттын нысан кæны педагогикæимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд сценæйы архайынмæ нæ бæллы, уæддæр йæ зæрдæйы ис музыкæмæ æнæкæрон уарзондзинад.

Иннæ чызг Илонæ ахуыр кæны хуыйæгыл, бæллы национ дарæсыл кусын. Уыцы иу рæстæг фæархайы конкурсты, ис æм курдиат зарынмæ, балалайкæйыл æмæ уадындзыл цæгъдынмæ. Уыцы фæлтæрдтæ нымайы бинонты æнтыстдзинадыл.

Хистæр лæппу Равиль, раст цыма доулиимæ райгуырд. Уыцы инструментыл цæгъдыны курдиат æм фæзынд йæ фыды руаджы. Дыккаг – Рамиль кæд хæрз чысыл у, уæддæр уарзы йæ къухмæ доули райсын, нотæтæ зарын. Бинонтæ æххæст сты музыкæмæ уарзондзинадæй. æрæджы сæ æппæтуæрæсеон конкурсы равзæрстой «Афæдзы бинонтæй». Фæуæлахиз сты «Бирæсывæллонджын бинонты» номинацийы. Дегъуатæ, ног фæлтæр хъомылгæнгæйæ, равдыстой профессионалон архайд æмæ бинонты традициты иудзинад.

Дегъуаты бинонты уæнгтæй алкæцыдæр – хистæр дæр æмæ сывæллон дæр у, сæйраг бынат уарзондзинадæн лæвæрд кæм ис, ахæм къорды хай. «Афæдзы бинонты» ном сын хуымæтæг хæрзиуæг нæу, фæлæ – æвдисæн сæйраг хæзнатæ: традицитæ æмæ музыкæйы зæлынад сæ зæрдæты кæй хъахъхъæнынц, уымæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania