филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:40 четверг, 02 апреля 2026
28 марта 2026, 10:29
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд сывæллæтты æппæтуæрæсеон турниры регионалон къæпхæн «Шахмæтты фæлтæр»

Ерыстæ цæуынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы æмæ Сергей Карякины номыл шахмæтты клубы

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд сывæллæтты æппæтуæрæсеон турниры регионалон къæпхæн «Шахмæтты фæлтæр». Ерыстæ цæуынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы æмæ Сергей Карякины номыл шахмæтты клубы. Турниры архайынц, 14 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Се ппæт дæр сты регионы шахмæтты скъолаты минæвæрттæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. Турнир «Шахмæтты фæлтæр» æххуыс кæны спорты ацы хуыз парахат кæнынæн, æмæ æвзонг шахматистты раиртасынæн. Уыимæ ма сбæрæг уыдзысты, Сергей Карякины скъолайы номæй æппæтадæмон ерысты архайджытæ. Ацæудзысты августы, сывæллæтты центр «Артек»-ы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania