Уый кадæн дзы арæзт æрцыд литературон-музыкалон изæр «Иумæ æнустæм»
Уæрæсейы æмæ Белоруссийы адæмты иудзинады бон сбæрæг кодтой республикæйы хæлардзинады Хæдзары. Уый кадæн дзы арæзт æрцыд литературон-музыкалон изæр «Иумæ æнустæм». Ацы аз хуымæтæджы нæ равзæрстой. Дыууæ бæстæйы æхсæнад саразыны фæдыл бадзырд куы бафыстой, ууыл сæххæст 30 азы. Фæстæдæр Белорусси сси æмцæдисон паддзахад. Фембæлды уазджытæ уыдысты Республикæ Беларусы делегацийы æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы уæнгтæ. Залы уыдысты куыд хистæр кары адæм, афтæ фæсивæд дæр. Мадзал саразджытæ сæ размæ æвæрынц ахсджиаг нысантæ. Фæсивæдмæ патриотизмы æнкъарæнтæ æмæ граждайнаг цæстæнгас гуырын кæнын, дыууæ бæстæйы культурон традицитæ æмæ бастдзинад фидардæр кæнын. Ахæм фембæлдтытæ се ппæты ргом здахынц историмæ æмæ æфсымæрон адæмты иудзинадмæ.




