филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:28 вторник, 03 ноября 2026
10 апреля 2026, 10:42
Црауы скъолайы библиотекæйы арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Баскаты Барисы номарæн изæр

Фембæлды архайджытæн радзырдтой йæ хæстон фæндаджы тыххæй

Црауы скъолайы библиотекæйы арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Баскаты Барисы номарæн изæр. Фембæлды архайджытæн радзырдтой йæ хæстон фæндаджы тыххæй. Службæ кодта Сырх æфсады рæнхъыты, æмæ йе мбæлттимæ нæ бæстæ хъахъхъæдта знагæй. Лæгдзинады æмæ нысхастдзинады тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд майдантæй. Йе мхъæуккæгтæ йын кодтой стыр кад. Стыр Уæлахизы фæстæ Баскаты Барис æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Кодта зæрдиаг фæллой æмæ активонæй архайдта районы царды. Афтæмæй фæсивæдæн уыд хорз дæнцæг. Мысæн мадзалы архайдтой скъоладзаутæ æмæ хæстон цауты ветерантæ. Радзырдтой уæлахизхæссæг фæлтæры хъæбатырдзинады тыххæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ номарæн мадзал саразыныл бакуыста Алагиры районы библиотекæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania