Кусджыты хæстæм хауынц æрвылбоны куыстытæ — бырæттæ æмбырд кæнынц фæткмæ гæсгæ
Уалдзæджы ралæудимæ Спецэкосервисы специалисттæ бавнæлдтой, зæххы бынты цы ацæуæнтæ ис, уыдон сыгъдæг кæнынмæ. Кусджыты хæстæм хауынц æрвылбоны куыстытæ — бырæттæ æмбырд кæнынц фæткмæ гæсгæ. Уымæй уæлдай, объекттæ рæстæгæй-рæстæгмæ бæстон бафснайынц, сæрмагонд æрмæгæй ссыгъдæг кæнынц къуылтыл æнæуаг адæм цы фыстытæ ныууадзынц, уыдон. Зæххы бынты ацæуæнтæ хъыгдард æййафынц вандалтæй. Кæд дзы алы ран видеокамерæтæ дæр ис, уæддæр сæ уый нæ хъыгдары, къултæ ныппырх кæнынц, снывтæ сыл кæнынц… Æрæджы та закъонхалджытæ асастой камерæтæ. Кировы уынджы зæххы бынты ацæуæны санитарон уавæр уал у рæстæмбис, Архонкæйы зылды та объект сæхи хъарутæй æфснайынц базарадон бынæтты уæйгæнджытæ.




