филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
11 апреля 2026, 09:46
Знон Дзæуджыхъæуы Партизанскийы цæхгæрмæ уынджы цы скълæдтæ ис, уым æрцыд тыхджын срæмыгъд

Æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ дзы хъыгдард чи баййæфта, уыдоны хсæн – дыууæ сывæллоны

Куыд хъусын кодтам, афтæмæй знон Дзæуджыхъæуы Партизанскийы цæхгæрмæ уынджы цы скълæдтæ ис, уым æрцыд тыхджын срæмыгъд. Æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ дзы хъыгдард чи баййæфта, уыдоны хсæн – дыууæ сывæллоны.  Дохтырты ныхæстæм  гæсгæ сæ уавæр у æнæивгæ. Æппæт хъыгдардбаййафджытæн дæр  æххæстæй  ис медицинон æххуыс.  Фыдбылызы бынаты  архайдтой Æнæнхъæлæджы цауты министрады  æппæт  хайæдтæ  æмæ оперативон службæтæ, стæй слестгæнæг оргæнты минæвæрттæ. Æвæстиатæй срæмыгъды бынат бабæрæг кодтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, хицауады  уæнгтæ æмæ Дзæуджыхъæуы  разамынд. Снысан кодтой оперативон штаб. Хаст æм æрцыдысты тыхы структурæтæ, æвæстиаты службæтæ, барадхъахъхъæнæг оргæнтæ. Республикæйы сæргълæууæг фæсидт адæммæ, цæмæй æууæндой æрмæст официалон хъусынгæнинæгтыл. Бæлвырддæр хабæрттимæ уæ дарддæр зонгæ кæндзыстæм нæ рауагъдты, стæй нæ официалон сайты æмæ социалон хызты.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania