11 апреля 2026, 09:48
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампани ацы аз аххæсдзæн 23 мин адæймагыл
Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг.
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампани ацы аз аххæсдзæн 23 мин адæймагыл. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг. Куыд раздæры азты, афтæ ныр дæр стыр æргом здæхт цæудзæни сæрмагонд æфсæддон операцийы арахайджыты сывæллæттæм, царды зын уавæрты чи бахауд, æмæ уæлæмхасæн социалон æххуыс кæй хъæуы, ахæм сабитæм. Бацархайын хъæуы, цæмæй нæ кæстæртæ сæ сæрдыгонд каникултæ арвитой пайдаимæ, архайой спортæй æмæ алыхуызон сфæлдыстадон æмæ зонадон мадзæлтты, цæуой экскурситы. Афтæмæй ног ахуыры азы къæсæрæй бакъахдзæф кæндзысты ног тыхтимæ, загъта Сæргълæууæг. Рæзгæ фæлтæры иу хай ацæудзысты Сау денджызы былмæ дæр.
темæмæ гæсгæ




