филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
15 апреля 2026, 10:27
Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта республикон Советы æмбырд инвестицитæм гæсгæ

Ныхас цыд хъæууон хæдзарады, туризмы, инфраструктурæ аразыны къабæзты проекттæ царды уадзыныл

Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта республикон Советы æмбырд инвестицитæм гæсгæ. Ныхас цыд хъæууон хæдзарады, туризмы, инфраструктурæ аразыны къабæзты проекттæ царды уадзыныл. Æркастысты газуадзæн организацийы курдиатмæ зæххы хай радих кæныны фæдыл административон бæстыхайы арæзтадæн. Уый ратдзæн, адæмæн лæггæдты хай рахæссын æнцонвадатдæр бынатмæ. Уымæй фæстæмæ ма æркастысты, уæлæмхасæн хæйттæ радих кæныны фарстатæм туризмы æмæ хъæууон хæдзарады кондадтæ парахатдæр кæнынæн. Дзанайты Барис загъта, ахсджиаг кæй у, цæмæй регионы инвестицион климаты райрæзт уа комплексон. Фæнысан кодта, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ дарддæр арæзт кæй цæуынц хъæугæ уавæртæ ахсджиаг проекттæ царды уадзынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania