филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:41 пятница, 19 июня 2026
16 апреля 2026, 10:32
Дзуарыхъæуы Фыййагдоны цæугæдоныл дарддæр цæуы былгæрæттæ фидаргæнæн фæрæзты арæзтад

Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Дзуарыхъæуы Фыййагдоны цæугæдоныл дарддæр цæуы былгæрæттæ фидаргæнæн фæрæзты арæзтад. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Объекты иумæйаг дæргъ уыдзæн 4 километрæй фылдæр. Фарон куыстытæ фесты иу километрæй фылдæр дæргъæн уаццагыл. Ацы аз ма фæнд кæнынц 2 километры саразын. Уыимæ ма 7 километрæй фылдæр ссыгъдæг кодтой Урсдоны æмæ Фыййагдоны цæугæдæтты донвæдтæ. Уый баххуыс кæндзæн хæстæгдæр хъæутæ донивылдтытæй бахъахъхъæнынæн. «Æрдзон æвæрæнтæ ног кæнын æмæ сæ пайда кæныны» паддзахадон программæйы фæрцы бантыст сæххæст кæнын уæлæмхасæн мадзæлтты комплекс Хъарман-Сындзыхъæуы æмæ Нартыхъæуы донивылдтытæ ма бауадзыны фæдыл. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта цæугæдæтты доны æмвæзадмæ цæст дарын, донвæдтæ сыгъдæг кæнын. Сæйраг хæс у адæмы æдасдзинад сæххæст кæнын, хъæутæ æмæ объекты инфраструктурæ бахъахъхъæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania