филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
23 апреля 2026, 10:35
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд

Боны фæткмæ рахастой республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд. Боны фæткмæ рахастой республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатæ. Рахастой бæлвырд уынаффæтæ, нæ регионы цæрджыты хæрзæбон фæхуыздæр кæныны тыххæй. Нырæй фæстæмæ инвалид адæмы реабилитацийы техникон фæрæзтæй ифтонг кæныны бартæ лæвæрд æрцæудзысты фæллойы æмæ социалон рæзты министрадмæ. Раздæр уыцы хæстæ æххæст кодтой, министрады дæлбар организацитæ. Техникон фæрæзтæй ифтонг кæнын æмæ специалистты цæттæ кæнын – у сæйрагдæр нысан. Уыцы куыстæн радих кæндзысты 65 милуан сомы, загъта Дзанайты Барис. Стыр æргом аздæхтой, сидзæртæн æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, уыцы сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны фарстамæ. Ныхас ма цыд цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ агропромышленнон комплексы рæзты фарстатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania