Мадзал баст уыд, йæ хъуыстгонд трилоги «Зынгхуыст бæллицты» æртыккаг чиныг мыхуыры кæй рацыд, уыимæ
Заманхъулы культурæйы хæдзары арæзт æрцыд зындгонд ирон фыссæг, прозаик, Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбеджы сфæлдыстадон изæр. Мадзал баст уыд, йæ хъуыстгонд трилоги «Зынгхуыст бæллицты» æртыккаг чиныг мыхуыры кæй рацыд, уыимæ. Авторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радзырдтой фысджыты цæдисы уæнгтæ, поэттæ æмæ журналисттæ, æхсæнадон архайджытæ стæй мыггаджы минæвæрттæ. Фембæлд саразыныл бакуыстой ирон литературæйы музей æмæ Заманхъулы культурæйы Хæдзар. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Музыкæ, кæфтытæ æмæ театралон равдыстытæ. Цомартаты Изæтбеджы сфæлдыстадон изæр Заманхъулы культурæйы хæдзары хуымæтæджы арæзт не рцыд. Йæ райгуырæн хъæуы дзы кæддæриддæр сæрыстыр сты.
Цомартаты Изæтбег фыссы зæрдæйæ, чиныгкæсджытæй йе *нкъарæнтæ нæ сусæг кæны. Йæ курдиат раргом æвзонг лæппуйæ. Йе сфæлдыстады сæйрагдæр æдзухдæр вæййы рæстдзинад. Уæззау хъысмæты хицау. Æмæ йын уый йæ ныфс нæ басаста, фæлæ ма сси сфæлдыстады бындур. Уый фенæн ис Изæтбеджы роман «Зынгхуыст бæллицты» сыфтыл. Чиныг дихгонгд у блоктыл. Æвдисы авторы миддунейы рæзт. Фыццаг том у сабибонты тыххæй, дыккаг – сфæлдыстадон хъизæмæртты æмæ уацмыстæ мыхуырмæ куыд нæ уагътой, уый тыххæй, æртыккаг та æвдисы дзырды мастеры. Фæстаг хай фыццаг дыууæйы фæстæ мыхуыры рацыд 19 азы фæстæ.
Цомартаты Изæтбег, РЦИ-А адæмон фыссæг, РЦИ-А фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг: «Фæндыдис равдисын нæ бæстæйы цард, нæ бæстæйы хицæутты – æппæты уæлейæ æппæты бынмæ, стæй хуымæтæг адæмы цард равдисын. Нартхоры гага зæхмæ куы æрыппарай, æмæ дуры бын куы фæуа, уæд дзы цы рауайдзæн? Ницы, нал ссайдзæн. Гъер фысджытæ дæр уыцы уавæры сты».
Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, публицист, республикæйы фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбегæн кад кæнынмæ Заманхъулы культурон артдзæсты бирæ адæм æрæмбырд. Фыссæг куыд зæгъы, афтæмæй йын ахæм æрхъуыдыдзинад æнæмæнг æхсызгон у.
Бирæ хъарм ныхæстæ райхъуыст ацы изæр сценæйæ Изæтбеджы тыххæй. Ирон литературæйы музейы æмæ Заманхъулы культурæйы хæдзары кусджытæ бацæттæ кодтой равдыст. Хаст æм æрцыдысты чингуытæ, хуызистытæ, документтæ æмæ Изæтбеджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæджытæ республикон прессæйæ.
Цомартаты Изæтбег стыр æвæрæн бахаста ирон литературæйы историмæ. Йе сфæлдыстады цæры æцæгдзинад. Уый та зындгонд куыд у, афтæмæй у æнæмæлгæ.




