филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
24 апреля 2026, 10:41
Дарддæр цæуы, республикæйы дыууæ районы чи иу кæны, уыцы фæндаджы бындурон цалцæг

Дыгуры æмæ Æрыдоны районты хсæн аварион уаццаг у сæйраг регионалон фæндаг «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен – 2»-йы ахсджиаг хай

Дарддæр цæуы, республикæйы дыууæ районы чи иу кæны, уыцы фæндаджы бындурон цалцæг. Дыгуры æмæ Æрыдоны районты хсæн аварион уаццаг у сæйраг регионалон фæндаг «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен – 2»-йы ахсджиаг хай. Бригад куыстытæм бавнæлдта мæйы размæ. Специалисттæ сног кæндзысты дыууæ мин метрæй фылдæр уаццаг. Иумæйаг дæргъ та у 8 километры æмæ рдæг. Проектмæ гæсгæ объекты уыдзæн 4 фарсы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Машинæтæ цæуæн хай уæрæхдæр кæнынц 2 хатты. Уæлæмхасæн рæнхъытæ фæзындзысты дыууæрдæм дæр. Иуырдыгæй уал исынц мæр, иннæрдыгæй та райдыдтой фидæны асфальты уæлцъарæн бындур цæттæ кæнын. Ацы хæслæвæрд специалисттæй домы алы лыстæг хъуыддагмæ дæр лæмбынæг уæвын.

Бригад куыстытæм бавнæлдта мæйы размæ. Уаццагыл архайы техникæйы 10 иуæджы æмæ уыйбæрц специалисттæ дæр. Фæндаг цалцæг кæнынц 2 къæпхæнæй. Ныртæккæ ног кæнынц машинæтæ цæуæн хайы 2 мин 300 метры, объекты иумæйаг дæргъ та у 8 километры æмæ *рдæг.

Проектмæ гæсгæ объекты уæрх фæфылдæр уыдзæн 18 метры онг. Уый у змæлды 4 рæнхъы æмæ астæуæй хицæнгæнæн быру.

Ацы уаццаг у сæйраг регионалон артери «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен 2»-йы хай. Трассæ арæзт уыд ивгъуыд æнусы астæу, йæ дæргъ у 94 километры бæрц, уыдонæй 33-йæ фылдæр сты фыццаг техникон категорийы уаццагтæ. Бындурон цалцæджы фæстæ ацы бæрæггæнæн фæфылдæр уыдзæн 42 километры онг. 2 райцентры цы фæндаг бæтты, уый ног кæнынц нацпроект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Куыстытæ фæуын фæнд кæнынц 2027-æм азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania