филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
24 апреля 2026, 10:43
Донивылдæй хъыгдардбаййафæг 100 сывæллонæй фылдæр Дагестанæй ныр къуырийы онг цæрынц Цæгат Ирыстоны

Нæ республикæ сын бацæттæ кодта хъæздыг программæ

Донивылдæй хъыгдардбаййафæг 100 сывæллонæй фылдæр Дагестанæй ныр къуырийы онг цæрынц Цæгат Ирыстоны. Нæ республикæ сын бацæттæ кодта хъæздыг программæ. Абалц кодтой экскурсийы. Бабæрæг кодтой хæстон намысы бынæттæ. Фыццаг уыд зындгонд æфсæддон разамонæг, æфсады инæлар, Советон Цæдисы  дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы цыртдзæвæн. Лæппутæн æмæ чызджытæн радзырдтой, Ирыстонæй рацæугæ адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг куыд ныфсджын æмæ хъæбатырæй равдыстой сæхи, уый тыххæй. Дагестайнаг æмæ дзæуджыхъæуккаг скъоладзаутæ уыдысты Плиты Иссæйы хæдзар-музейы дæр. Базыдтой бирæ ног хабæрттæ легендарон инæлары цардæй. Экскурси арæзт æрцыд, æппæтуæрæсеон программæ «Уæлахизы фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ. Дагестанæй сывæллæттæ æрбынат кодтой центр «Хæлар зæрдæ»-йы, ахуыр кæнынц ахуырадон центр «Вершина»-йы, æмæ бæрæг кæнынц сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны секцитæ. Æнкъард кæнынæн сын рæстæг нæй. Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрад сын хъæздыг рухстауæн программæ скодта. Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, Дагестанæй сывæллæттæ Ирыстоны фæуыдзысты, цас бахъæуа, уыйбæрц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania