филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
28 апреля 2026, 10:38
Цæгат Ирыстоны цæуы æрвылазон акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс»

Фыдыбæтæйы Стыр хæсты ветеранты портреттæ райдыдтой æвæрын Дзæуджыхъæуы билбордтыл

Цæгат Ирыстоны цæуы æрвылазон акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Фыдыбæтæйы Стыр хæсты ветеранты портреттæ райдыдтой æвæрын Дзæуджыхъæуы билбордтыл. Æдæппæтæй уыдзæн 17 мин хъæбатыры хуызисты онг. Азæй-азмæ портретты нымæц кæны фылдæр. Ныртæккæ фронтовикты галерей баххæст кодтой ноджыдæр 3 мин хуызисты. Акци цæуы ныр 6-æм хатт. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бонмæ бригадæн бантысы билбордтыл 30 баннеры онг бакæнын. Иу хуызистыл схардз вæййы 10 минуты онг. Тотиты Зауырбегæн уый хуымæтæг куыст нæу, фæлæ хъæбатырты раз бæрнондзинад. Се *хсæн сты йæхи фыдæлтæ дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты фæлгонцтимæ алы плакатмæ дæр ын ис лæмбынæг ахаст. Ацы хъуыддаджы йæм фæлтæрддзинад ис. Акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс»-мæ гæсгæ билбордтыл портреттæ фыццаг хатт нæ кæны.

Ветеранты портреттæ Дзæуджыхъæу ныр 6-æм хатт саив кæндзысты. Уал азы цæуы республикæйы акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Ацы аз баннертæ кæнын райдыдтой, куыддæр курдиæттæ исыны рæстæг фæцис, афтæ. Истой сæ бирæвæрсыг центрты 16-æм мартъийæ 18-æм апрелы онг. Уымæй размæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны тыххæй информаци чи балæвæрдта, уыдоны ацы хъуыддаг ногæй æххæст кæнын нæ хъуыд.

Юбилейон хæрзиуджытæ, зæронд хуызистытæ æмæ мысинæгтæ. Мысыкаты Константин хæстон цауты тыххæй хиуæттæн арæх нæ дзырдта. Мысыкаты Зæринæйы бинонтæ сæ ветераны тыххæй информаци лæмбынæг æмбырд кодтой, цæмæй йæ рæзгæ фæлтæрмæ фæхæццæ кæной. Йæ кадджын хистæры истори суворовон училищæйы хъомылгæнинаг Хъайтыхъты Зелим хорз зоны. Хъæбатыры хъысмæт ын сси царды ориентир. Ветеран дзы æнæмæнг сæрыстыр уыдаид. Лæппу 9-æм майы Парады иу хатт нæ архайдта. Фидæны та йæ фæнды хæстон суæвын.

Акци «Сæ цæсгæмтæм сын бакæс»-ы Мысыкаты Константины фæдонтæ 5-æм аз архайынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын уый ахсджиаг у.

1-æм маймæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты æппæт портреттæ конд æрцæудзысты. Акци та ахæсдзæн 15-æм маймæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania