филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
05 мая 2026, 10:37
Елхоты 1-æм скъолайы байгом кодтой хъæбатыры партæ, ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон Агънаты Альберты номыл

Фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы

Елхоты 1-æм скъолайы байгом кодтой хъæбатыры партæ, ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон Агънаты Альберты номыл. Фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Кадджын мадзалы архайдтой хъæбатыры хиуæттæ, йе мкъласонтæ, Кировы районы ахуырады управленийы минæвæрттæ æмæ хъæуы разамынд. Кировы районы Теркаг хъазахъхъæгты æфсæдты атаман Агънаты Альберт архайдта 1992-æзы Горæтгæрон районы ныхмæлæуддзинæдтæ снывыл кæныны, службæ кодта Донецкы Адæмон Республикæйы бархионты батальон «Восток»-ы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы Альберт, йæ фæсномыг «Агнай» йæ размæ вæрд хæстæ æххæст кодта батальон «Алани»-йы рæнхъыты, Запорожьейы. Уыди 166-æм мысанæхсæн полчы. Йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй, хорзæхгонд æрцыди «Ирыстоны сæраппонд»-ы æмæ «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы» майдантæй. Фæмарди ацы азы 16-æм мартъийы, йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Агънаты Альберт ныгæд æрцыди Елхоты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл Намысы Аллейæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania