филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
05 мая 2026, 10:39
Дзæуджыхъæуы скодтой хатдзæгтæ, горæты фыццаг бынат бацахсыны гом ерыстæн къахдзоныгътыл бырынæй

Ихмæ рацыдысты Уæрæсейы 10 горæты минæвæрттæ

Дзæуджыхъæуы скодтой хатдзæгтæ, горæты фыццаг бынат бацахсыны гом ерыстæн къахдзоныгътыл бырынæй. Ихмæ рацыдысты Уæрæсейы 10 горæты минæвæрттæ. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæумæ ссыд 365 спортсмены. Сæ кармæ гæсгæ уыдысты 4-æй 17 азы онг. Жюри аргъ кодта цыбыр æмæ хибар программæты иумæйаг баллтæм гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

10-аздзыд Томайты Каролинæ йæ хæлæртты сæрыл хæцы. Йæ программæ æвзонг фигуристкæ равдыста ерысты фыццаг бон. æххæст уыд зын элементтæй. Къахдзоныгътæй бырыны спорты Каролинæ ныр 4 азы ис, ацы ерыстæ йын фыццаг не сты. Куыд зæгъы, афтæмæй фыццаг бонæй бамбæрста ацы спорты хуыз ын хæстæг кæй у, уый.

Дзæуджыхъæуы фыццаг бынат бацахсыны гом ерыстæ къахдзоныгътыл бырынæй баиу кодтой архайджыты бæстæйы алы регионтæй. Ихмæ рацыдысты спортсментæ Астраханæй, Сочийæ, Краснодарæй, Ростов-на-Донуйæ. æдæппæтæй 365 архайæджы. Сæ хыгъды – бынæттон скъолайы хъомылгæнинæгтæ дæр. Ацы спорт республикæйы æнтыстджынæй рæзы. Уæрæхдæр кæны ерысты къæлиндар, фылдæр кæны архайджыты нымæц дæр.

Архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой хи разрядтæм гæсгæ, алчидæр ерыс кодта йæ цæттæдзинады æмвæзадмæ гæсгæ спортсменимæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой цыбыр æмæ хибар программæты иумæйаг баллтæм гæсгæ. Турниры тыхджындæр архайджытæ райстой кубоктæ, майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ацы ерыстæ систы хорз гæнæн, хи равдисынæн æмæ æндæр горæттæй ныхмæлæуджытимæ ерысгæнгæйæ хи хъарутæ бавзарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania