филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
06 мая 2026, 10:39
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы арæзт æрцыд шахмæттæй турнир «Уæлахизы цыд»

Мадзал баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 81 азы бонмæ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы арæзт æрцыд шахмæттæй турнир «Уæлахизы цыд». Мадзал баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 81 азы бонмæ. Турниры архайдтой Сергей Карякины номыл шахмæтты скъолайы ахуырдзаутæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ. Ерысты райдианы агъоммæ фæсивæдæн бацæттæ кодтой зæрдæмæдзæугæ концерт. Номарæн ерыстæ арæзт цæуынц æртыккаг аз фæд-фæдыл. Уæвгæ та интеллектуалон спорты хуызты рæзт æмæ сабидугæн æххуыс сты Иугонд Уæрæсейы Адæмон программæйы сæйрагдæр нысантæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania