филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:37 вторник, 03 ноября 2026
16 мая 2026, 09:53
Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы 25-æм хæдзары цæрджытæ ныр бирæ азты тыхсынц сæ уавæртæй

Бæстыхайыл 70 азы онг цæуы æмæ дзы бындурон цалцæг никуы уыд

Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы 25-æм хæдзары цæрджытæ ныр бирæ азты тыхсынц сæ уавæртæй. Бæстыхайыл 70 азы онг цæуы æмæ дзы бындурон цалцæг никуы уыд. Риссаг фарстатæ та азæй-азмæ кæнынц фылдæр. Уавæр ма къуылымпы кæны, хæдзар культурон намысы объектыл нымад кæй у, уый, æмæ дзы куыстытæ хуымæтæджы æххæст кæнын не мбæлы, хъæуы сæрмагонд барлæвæрд. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кæлæддзаг разуынд, цар тæдзы, штукатуркæ згъæлы – ахæм риссаг фарстатæ Марковы уынджы 25-æм хæдзары цæрджыты фыццаг аз нæ тыхсын кæнынц. Хъантеты Эммæ куыд зæгъы, афтæмæй дæсгай азтæм бæстыхайы уавæр заууатдæр кæны. Хæдзарыл цæуы 70 азы бæрц, æмæ уыцы рæстæгмæ бындуронæй иу хатт дæр цалцæггонд нæ уыд. Уæлдай тынг адæм мæт кæнынц разуынды уавæрæй. Декоративон элементтæ хæлынц æмæ хауынц балкъонтæм. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, уырдæм рахизын тæссаг у.

Риссаг у бæстыхайы сæры фарста дæр. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъыгдард баййæфта нырма 2017-æм азы ихы рæстæг. Уæд æй хайгай сцалцæг кодтой, æрмæст фыццаг 3 подъезды сæрмæ. Цыппæрæм æмæ фæндзæм цæмæдæр гæсгæ ноггонд не рцыдысты. Уæдæй фæстæмæ къæвдаты рæстæг уæллаг уæладзгуыты фатертæм дон хъары. Цæрæн агъуыстыты хæлд цæуынц цартæ æмæ къултæ. Адæм фарста сæхи хъарутæй лыг кæныныл архайдтой, фæлæ уавæр зынгæ нæ аивта.

Цæрджытæ сæ хъаст алыхуызон ведомствæтæм хастой. Фарон хæдзар лæвæрд æрцыд хæдзæртты муниципалон управленимæ. Организацийы директор Бититы Павел куыд æмбарын кæны, афтæмæй разуынды цалцæджы уавæр зын у. Бæстыхай нымад у культурон намысы объектыл, уый та нысан кæны, цавæрфæнды куыстытæ дæр кæй домынц сæрмагонд барлæвæрд.

Уыимæ, Бититы Павелы ныхæстæм гæсгæ, фарста алыг кæныны фæнд сæм ис. Хæстæгдæр рæстæг объектмæ хъуамæ рацæуа бригад хайгай цалцæг скæнынмæ. Куыстытæм бавналын зæрдæ æвæрынц, куыддæр хорз бонтæ ракæна, афтæ.

Управленийы разамонæг куыд загъта, афтæмæй уый фæстæ бацæттæ кæндзысты курдиат цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрадмæ. Документы сисдзысты, 4-æм æмæ 5-æм подъездты сæр æххæстæй баивыны фарста.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania