филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:59 среда, 20 мая 2026
20 мая 2026, 10:41
Патриотон проект «Ирыстоны æмæ Хъырымы Хъайтартæ» æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд инæлар-майор Цæлыккаты Хъантемыры номарæн мадзал. Акцийы архайджытæ йын йæ ном æрымысыдысты минут æдзæмæй алæугæйæ

Уый фæстæ хъæбатыры цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ

Патриотон проект «Ирыстоны æмæ Хъырымы Хъайтартæ» æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд инæлар-майор Цæлыккаты Хъантемыры номарæн мадзал. Акцийы архайджытæ йын йæ ном æрымысыдысты минут æдзæмæй алæугæйæ. Уый фæстæ хъæбатыры цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Номарæн мадзалы архайдта Евпаторийæ скъоладзау. Уый кæны наукон-иртасæн куыст. Йемæ уыдысты нæ республикæйы хистæркъласонтæ дæр. Акци саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ахæм фембæлдтытæ ахсджиаг сты патриотон куыст кæнынæн æмæ историон намыс хъахъхъæнынæн. Проект расидтысты дыууæ азы размæ Евпаторийы. Хорзыл æй банымадтой Цæгат Ирыстоны скъолаты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania