22 мая 2026, 10:45
Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд Берозты Аслæнбеджы номарæн изæр
Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 110 азы
Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы арæзт æрцыд Берозты Аслæнбеджы номарæн изæр. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 110 азы. Фыссæг, поэт, публицист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, педагог. Кæд йæ ном тынг хъуыстгонд нæу, уæддæр ын йæ ном мысынц. Аслæнбег йæ хæстон архайды тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Лæгдзинады æмæ хъæбатырдзинады тыххæй» майдантæй. Скъолаты кусгæйæ та амыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæ. Разамынд лæвæрдта рауагъдад «Ир-æн, уыд Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахста сывæллæтты тематикæ. Фыста сын радзырдтæ, æмдзæвгæтæ. Уыимæ пайда кодта юморы ахорæнтæй.




