филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 пятница, 19 июня 2026
26 мая 2026, 11:02
Беслæны Æппæтадæмон культурон-патриотон центры экспозици саразыны дыккаг къæпхæн фæуыдзæн ацы къуырийы кæрон

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта культурæйы министр Гуыдиаты Батраз

Терроризмы ныхмæ Беслæны Æппæтадæмон культурон-патриотон центры экспозици саразыны дыккаг къæпхæн фæуыдзæн ацы къуырийы кæрон. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта культурæйы министр Гуыдиаты Батраз. Боныхъæд кæй февзæрдæр, уымæ гæсгæ бæстон цæстдард цæуы цæугæдæтты æмвæзадмæ. Ивгъуыд къуыримæ Цæгат Ирыстоны æрцыд 82 фæндаггон фыдбылызы. Иу адæймаг дзы фæмард. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы уавæры тыххæй радзырдта профилон министр Хъараты Тимур. Октябрьскæйы хъыгдард баййæфта фистæгæйцæуджыты хид. Бынаты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Сергей Меняйло бабар кодта, уарындæтты системæйы анализ скæнын. Уымæй дарддæр, куы бахъæуа, уæд æй рацаразын. Уæлдай цæстдард цæуы нуазыны доны хæрзхъæддзинадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania