филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
28 мая 2026, 10:38
Сывæллæтты лагерь «Тæмисчъы» фæцис аграрон фæлтæр

Арæзт æрцыд Хæххон паддзахадон аграрон университеты разамындæй

Сывæллæтты лагерь «Тæмисчъы» фæцис аграрон фæлтæр. Арæзт æрцыд Хæххон паддзахадон аграрон университеты разамындæй. 18 боны дæргъы республикæйы агротехнологон кълæсты ахуырдзаутæн уыд теоретикон æмæ практикон ахуыртæ. Се *нтыстдзинæдтæ скъоладзаутæ равдыстой фæлтæр æхгæныны кадджын мадзалы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ольгинскæйы скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Малхъарты Аслан дзуры микроскопимæ кусын куыд хъæуы, æхсыры сойад куыд сбæрæг кæнын ис… Агротехнологон къласы лæппу иу аз ахуыр кæны.

Зайæгойтимæ куыст, инженери, биотехнологи, медиа æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийыл бакуысты технологи. 5 станцæйы аграрон фæлтæры архайджытæ равдыстой 18 бонмæ цæуыл сахуыр сты. Уыйбæрц рæстæг арвыстой санатори «Тæмисчъы» бындурыл лагеры.

Аграрон фæлтæры архайдта 40 сывæллоны – республикæйы агротехнологон кълæсты ахуырдзаутæ. æмкусджыты фæлтæрддзинад райсынмæ Тæмискъмæ æрбацыд Цæцæны республиæйæ делегаци. Уым ацы къабазы нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнынц. Уымæ гæсгæ уазджытæ сæхицæн бирæ ногдзинæдтæ фæнысан кодтой.

Ам ма агрокълæсты ахуырдзаутæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Куыстытæ бацæттæ кодтой 6 скъолайы минæвæрттæ. Аххæссыдысты хъæууон хæдзарады алы къабæзтыл.

Фыццаг агротехнологон кълæстæ Цæгат Ирыстоны байгом сты 2024-æм азы. Абон сты 27 æстдæс скъолайы бындурыл. Ахуыр сæ кæны 500 сывæллоны онг. Сæйраг нысан у аграрон къабаз парахат кæнын.

Ацы аграрон фæлтæр фыццаг у, фæлæ йæ аразджытæ куыд загътой, афтæмæй æнæмæнг фæстаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania