филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:50 четверг, 11 июня 2026
30 мая 2026, 09:33
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты парламентты хсæн фыццаг форум

Архайдтой дзы цæгатирыстойнаг депутатты корпус æмæ Кæсæг-Балхъары закъонæвæрджыты делегаци

«Иудзинады æмæ хæлардзинады фæндæгтæй». Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты парламентты хсæн фыццаг форум. Архайдтой дзы цæгатирыстойнаг депутатты корпус æмæ Кæсæг-Балхъары закъонæвæрджыты делегаци. Кадджын уазджыты хсæн – зындгонд советон æмæ уæрæсейаг паддзазадон архайæг Дзасохты Алыксандр, Кæсæг-Балхъары коммунистон партийы комитеты секретарь Борис Зумакулов. Форумы уазджытæн бацæттæ кодтой адæмон æрмдæсныйады экспозици, хуызистыты равдыст. Фембæлды бæрæгбоны хай байгом кодта театралон миниатюрæ спектакль «Хæхты минæвæрттæ»-й. Уымæй дарддæр ма уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой адæмон кафты ансамблы артисттæ. Нæ республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразæн  Кæсæг-Балхъары парламенты номæй радтой Кады гæххæт. Форум баст уыд Уæрæсейы адæмты иудзинады азимæ. Нысантæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ арæзт цæудзысты æндæр регионтимæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania