Фæстаг мæйты базылдысты территоримæ, сног кодтой змис æмæ æмбæлгæ кусæнгæрзтæ, бацæттæ кодтой спортивон фæзтæ
Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны Доны станцæйы æмæ найæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст. Байгом уыдзæн 1-æгæм июны. Фæстаг мæйты базылдысты территоримæ, сног кодтой змис æмæ æмбæлгæ кусæнгæрзтæ, бацæттæ кодтой спортивон фæзтæ. Æдасдзинадыл кусдзысты ирвæзынгæнджытæ æмæ медицинон кусæг. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Найæн сезоны райдианмæ мæ баззад цалдæр боны, фæлæ Дзæуджыхъæуы Доны станцæ ныридæгæн цæттæ у фæлладуадзджыты суазæг кæнынмæ. Фæстаг мæйты дзы цыди егъау куыст, бавнæлдтой сæм мартьийы райдиан.
Специалисттæн бантыст егъау цæттæгæнæн куыст бакæнын: ныссыгъдæг кодтой территори, бафснайдтой бырæттæ, сахуырстой бадæн бынæттæ, æрбаластой ног змис. Уыцы иу рæстæг сарæзтой бæстон æркаст цады бынæн. Куыстытæ æххæст кæнынц 20 специалисты. Се *рвылбоны архайд – территоримæ зилын.
Уæлдай цæстдард цæуы фæлладуадзджыты æдасдзинадмæ. Ацы сезоны Доны станцæйы байгом уыдзысты ирвæзынгæнджыты æртæ посты. Рад дзы хæсдзысты æхсæз ирвæзынгæнæджы æмæ медицинон кусæг.
Доны станцæ йыл дзургæйæ, æрмæст æдасдзинадыл хъуыдыгонд нæ цæуы, фæлæ фæлладуадзыны активон хуызтыл. Ам сног кодтой спортивон фæзтæ волейболæй æмæ баскетболæй хъазынæн, бацæттæ кодтой фæлладуадзыны зонæтæ. Ацы аз станцæйы байгом уыдзысты хæринæгтæ кæм уæй кæной, ахæм бынæттæ, адæмæн уыдзæн катамарантæ æмæ бæлæгътæ баххуырсыны фадат. Доны станцæ ныридæгæн дæр йæхимæ лвасы, найæн рæстæгмæ чи *нхъæлмæ кæсы, уыцы цæрджыты.
Найæн сезон байгомвæнд кæнынц 1-æм июны. Уый та дзуры ууыл, æмæ ног къуыри ацы бынатæй дардмæ хъуысдзысты хъæлдзæг ныхæстæ æмæ адæмы худт. Æмæ та Доны станцæ суыдзæн адæмы фæлладуадзыны сæйраг бынæттæй иу.




