30 мая 2026, 09:35
Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой сывæллæтты фыццаг интеллектуалон викторинæйæн – «Уазæгуаты аргъаумæ»
Уæлахиздзау сси 47-æм рæвдауæндоны командæ
Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой сывæллæтты фыццаг интеллектуалон викторинæйæн – «Уазæгуаты аргъаумæ». Уæлахиздзау сси 47-æм рæвдауæндоны командæ. Сабитæ се ппæтæй хуыздæр дзуæппытæ радтой уарзон аргъæутты тыххæй фæрстытæн. Дыккаг бынат бацахста 179-æм рæвдауæндоны командæ, æртыккæгтæ систы 45-æм рæвдауæндоны минæвæрттæ. Мадзалы нысан у, сывæллæтты ахуыр кæнын кæсыны культурæйыл, цымыдис сæ кæнын дунейы адæмты аргъæуттæм. Æдæппæтæй конкурсы архайдта горæты скъолайы агъоммæ 44 куыстуаты. Викторинæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управлени æмæ 87-æм æмæ 177-æм рæвдауæндæттæ.
темæмæ гæсгæ




