филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
02 июня 2026, 10:31
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд аппаратон æмбырд

Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ, барадхъахъхъæнæн æмæ цæстдарæн структурæты минæвæрттæ

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ, барадхъахъхъæнæн æмæ цæстдарæн структурæты минæвæрттæ. Оперативон уавæры тыххæй радзырдта вице-премьер Томайты Ирбег. Хыгъд æрцыд 84 фæндаггон фыдбылызы. Стыр æргом аздæхтой боныхъæды уавæртæм дæр. Дарддæр куыст цæуы цæугæдæтты былгæрæттæ сыгъдæг кæныныл. Сæрмагонд техникæ кусы Алагиры районы, сылгоймæгты моладзандоны. Цæрæнуæтты-коммуналон объектты тыххæй радзырдта профилон министр Хъараты Тимур. Хицауады сæрдар фехъусын кодта цалдæр амынддзинады. Баст сты республикæйы районты аивгæнæн куыстытимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania