филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:40 пятница, 19 июня 2026
03 июня 2026, 10:33
Комсомольскæйы хъæуы байгом кодтой, Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Челæхсаты Хетæджы номыл, сывæллæтты хъазæн фæз

Лæппу æфсæддон службæмæ араст, скъола каст куы фæци, уæд

Комсомольскæйы хъæуы байгом кодтой, Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Челæхсаты Хетæджы номыл, сывæллæтты хъазæн фæз. Лæппу æфсæддон службæмæ араст, скъола каст куы фæци, уæд. Йæ бирæ хæрзиуджыты *хсæн – Лæгдзинады Орден, лæвæрæд ын  æрцыд йæ амæлæты фæстæ. Фæз байгом кæнынæн баххуыс кодтой хъæуы цæрджытæ, районы администраци æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Мысæн шарты уæлæрвтыл андзæвд. Суагътой сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы кадæн. Йæ ном – æфсæддоны синоним æрмæст хæсты нæ, фæлæ царды дæр – Челæхсаты Хетæг. Уæззау хъысмæты адæймаг, йæ уды рухс йæ фæстаг бонмæ дæр кæмæн не *рмынæг, ахæм. Скъола каст куы фæци, уæд равзæрста æфсæддоны фæндаг. Хетæг йæ хæсыл нымадта  хъахъхъæнын  райгуырæн зæхх, стæй йæ ныййарæг Челæхсаты Лаурæйы. Севастополь, Сири, Украинæ хæстон цауты архайдта цалдæр раны. Йæ фæсномыг уыд – Инкерман. Запорожьейы облæсты дыууæ хатты фæци цæф. Хъайтары мады ныхæстæм гæсгæ,  никуы равдыста, исты дзы риссы, уый, – ахæм лæгдзинадæй æххæст уыдис.

Челæхсаты Лаурæ йæ лæппуйы иунæгæй хъомыл кодта. Бирæ рæстæг сын хи хæдзар дæр нæ уыд. Сывæллон уæвгæйæ дæр, Хетæг йæ ныййарæджы кад дæлæмæ нæ уагъта. Мадæн уыд йæ иунæг ныфс.

Хетæгæн йæ цард аскъуыд фарон ноябры. Цыдис ыл 33 азы. Намысы майдан, Курскы облæст хъахъхъæнæг, Лæгдзинады Орден йæ амæлæты фæстæ – æфсæддонæн саккаг кодтой бирæ хæрзиуджытæ. Æрмæст адæмы мысинæгты нæ цæры, фæлæ хъæбатыр Инкерманы номыл сывæллæтты фæзы дæр.

Челæхсаты Хетæджы номыл сывæллæтты фæз кадджын уавæры байгом кодтой йæ райгуырæн хъæу Комсомольскæйы, цы скъола каст фæци, уый фарсмæ. Активонæй фæлладуадзынæн дзы алцыдæр ис  – херытæ æмæ турниктæ. Челохсаты Лаурæйæн фæз байгом кæнынæн æххуыс кодтой хъæуы Сæргълæууæг, цæрджытæ æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фонды филиал.

Ацы фæз у лæгдзинады цыртдзæвæн. Дардмæ дзы цы сывæллæтты худын  хъуысы, уый та  –  хъæбатырдзинады тыххæй цы арфæтæ фæкæнынц, уыдонæн сæ зæрдиагдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania