Атлеттæ рамбылдтой сызгъæрин майдантæ, сæххæст кодтой спорты мастерты нормативтæ, стæй ма сæвæрдтой Европæйы æмæ дунейы рекордтæ
Цæгат Ирыстойнаг спортсментæн пауэрлифтингæй æппæтуæрæсеон турниры архайд рауад æнтыстджын. Ерыстæ цыдысты Стъараполы. Атлеттæ рамбылдтой сызгъæрин майдантæ, сæххæст кодтой спорты мастерты нормативтæ, стæй ма сæвæрдтой Европæйы æмæ дунейы рекордтæ. Республикæйы иугонд командæйы уæнгтæ иууылдæр сыздæхтысты хæрзиуджытимæ. Турниры цæгатирыстойнаг архайджыты уæлахизты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Илья Миделашвили Стъараполы пауэрлифтингæй æппæтуæрæсеон турниры уæлахиздзаутæй иу. Спортсмен архайдта дыууæ дисциплинæйы. Сызгъæрин майдантæй уæлдай, сæххæст кодта спорты мастеры норматив, стæй ма сæвæрдта Европæйы æмæ дунейы спорты мастеры рекордтæ. Ерыс кодта 82 кг уæзы. Ацы æнтыстдзинад у тренировкæты æмæ хиуыл æууæндыны хатдзæг – зæгъы спортсмен.
Кæд Мзокты Умар фыццаг хатт архайдта ахæм ерысты, уæддæр сси уæлахиздзау, лæвæрд ын æрцыд æппæтадæмон къласы спорты мастеры ном. Лæппу спорты хуызтæй æдзух архайы, пауэрлифтинг цалдæр азы размæ равзæрста æмæ нæ фæфæсмон кодта.
Тренер Фидараты Сосланы фæндаг пьедесталы уæллаг къæпхæнмæ байгом кодта æнæнхъæлæджы – бафæндыд æй йæ тых бавзарын ног спорты хуызы. Рамбылдта сызгъæрин майдан.
Спортсментæ равдыстой, пауэрлифтингы цæгатирыстойнаг скъолайы уæлвæзад фадат дæтты хуыздæртимæ ерыс кæнын. Ныр лæппутæ сæхи цæттæ кæнынц ног турниртæм – куыд иугонд командæ, афтæ.




