филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:06 пятница, 19 июня 2026
16 июня 2026, 10:34
Цæгат Ирыстоны 6 районы æппæт скъолатæ цалцæггонд æрцыдысты æххæстæй

Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Цæгат Ирыстоны 6 районы æппæт скъолатæ цалцæггонд æрцыдысты æххæстæй. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз 30 скъолайы хаст æрцæудзысты бындурон цалцæджы программæмæ. Æмбырды ныхас цыди «Уæллаг Ларс»-ы цæстдарæн-уадзæн пункты уавæрыл дæр. Арвы Комы фæндаг гом у транспорты æппæт хуызтæн. Арæнты сæрты ахизынмæ электрон рады хыгъды ис транспорты 60 иуæджы. Аппаратон æмбырды стыр æргом здæхт æрцыди тыхджын къæвдаты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фарстамæ. Цæрæнуæтты – коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты цалдæр уынджы хъыгдард баййæфтой, фæлæ специалисттæ уавæр сраст кодтой афоныл. Боны хъæд къæвдаджын кæй у, уымæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бадомдта дзуапдæттæг куыстуæттæй, цæмæй æнæнхъæлæджы уавæртæм æмæ сæ фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ уой цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania