филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 пятница, 19 июня 2026
16 июня 2026, 10:35
Йе *вдай азы юбилей сбæрæг кодта Хозиты Барис – алывæрсыг курдиаты хицау

Стыр æвæрæн бахаста ирон æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæнынмæ æмæ сæ райрæзтмæ

Йе *вдай азы юбилей сбæрæг кодта Хозиты Барис – алывæрсыг курдиаты хицау. Стыр æвæрæн бахаста ирон æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæнынмæ æмæ сæ райрæзтмæ. Абон лæууы Фысджыты Цæдисы республикон хайады сæргъы. Хозиты Барис у филологон наукæты кандидат, доцент. Схъомыл кодта филологты æмæ журналистты цалдæр фæлтæры. Йе нтыстдзинæдтæ нысангонд уыдысты æппæтæй бæрзонддæр æмвæзадыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хозиты Барисы ном Ирыстоны рагæй сси дзырдæн æмæ культурæйæн лæггад кæныны нысан. Ахуыргонд, поэт, прозаик, критик, тæлмацгæнæг, публицист – йæ архайды йын бантыст баиу кæнын наукæ, литературæ æмæ журналистикæ. Йæ фæндаг райдыдта йæ дæсныйадæй бирæ раздæр – нырма скъолайы азты. Фыста цыбыр уацтæ районы газетмæ. Уæд банкъардта, дзырд йæ царды хъуыддаг кæй суыдзæн, уый.

Скъолайы фæстæ – советон æфсады рæнхъыты службæ æмæ хæстон уацхæсджыты скъола. Уым бамбæрста алы дзырдыл дæр дзуапп дæттын цы нысан кæны, уый. Дарддæр бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ филологийы факультеты уырыссаг-ирон хайадмæ.

Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, Хозиты Барис йæ цард сбаста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетимæ. Журналистикæйы кафедрæйы фыццаг сæргълæууæг, ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты декан, аивæдты факультеты декан, университеты телекомпанийы директор – арæзта системæ æмæ схъомыл кодта журналистты æнæхъæн фæлтæр.

Барисы хъуыды кæддæриддæр уыд – æнæ практикæйæ журналист уæвын нæй. Æмæ уымæ гæсгæ йæхæдæг ацыд æппæт къæпхæнтæ – мыхуыры рауагъдтæй телеуынынады онг. 90-æм азты паддзахадон университеты телекомпани йæ разамындæй куыста æхсæвæй-бонæй.

Йæ биографийы хицæн бынат ахсы республикон газет «Рæстдзинад»-ы куыст. Рауагъды сæргъы уæвгæйæ, йын бантыст æрмæст йæ традицитæ бахъахъхъæнын нæ, фæлæ ма йæм ногдзинæдтæ дæр бахæссын. Газеты фæзынд ног тематикон сыфтæ, фæтыхджындæр кæсджытимæ бастдзинад.

Хозиты Барисы наукон æмæ литературон архайд сæрмагонд бынат ахсы Ирыстоны гуманитарон тыгъдады.  25 чиныгæй фылдæры æмæ сæдæгай наукон куыстыты автор. Йæ иртæстытæ нымад сты наукон æхсæнады, йæ фæллойтæ та йын ратæлмац кодтой англисаг, францусаг, персайнаг æмæ æндæр æвзæгтæм. Абон Хозиты Барис у Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар. Йе нтыстдзинæдтæ бæрæггонд сты æппæтæй бæрзонддæр æмвæзадыл. Схорзæхджын æй кодтой паддзахадон æмæ профессионалон хæрзиуджытæй. Æрæджы та йын журналистикæйы райрæзтмæ æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй саккаг кодтой ноджыдæр иу хæрзиуæг – Уæрæсейы журналистты Цæдисы кады нысан. Æппæт уыцы хæрзиуджыты фæстæ ис, дзырд ахсджиагдæр фæрæз кæмæн у, ахæм адæймаг. Дарддæр фыссы, ахуыр кæны, агуры æмæ зæрдæ дары культурæйы тыхыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania