филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 пятница, 19 июня 2026
16 июня 2026, 10:36
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд регионты хсæн гом турнир волейболæй

Ссардтой дзы физкультурæ æмæ спорты факультеты доцент Айдарты Хъазыбеджы рухс ном

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд регионты хсæн гом турнир волейболæй. Ссардтой дзы физкультурæ æмæ спорты факультеты доцент Айдарты Хъазыбеджы рухс ном. Уый тынг архайдта республикæйы спорты ацы хуыз парахат кæныныл. Ерысты архайдтой Дзæуджыхъæуы, Армавиры, Пятигорскы æмæ Стъараполы командæтæ. Ахæм турниртæ конд вæййынц сывæллæтты æмæ фæсивæды спортмæ разæнгард кæныны нысанимæ. Спорты бæрæгбон арæзт æрцыд ЦИПУ-йы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Кæронбæттæн матч рауад тынг цымыдисæг. Чызджытæ тох кодтой алы баллыл дæр. Хатдзæгтæм гæсгæ турниры чемпион сси ЦИПУ-йы командæ. Уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ радтой ахуыргæнæндоны разамынд, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы минæвæрттæ æмæ Айдарты Хъазыбеджы чызг Алинæ. Тыхджындæртæн радтой кубоктæ, майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania