филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:53 пятница, 19 июня 2026
19 июня 2026, 10:32
Национ парчы æрдзон маршруттæ ногæй цæттæ сты туристты суазæг кæнынмæ

Сезон байгом кæныны размæ специалисттæ сыгъдæг кæнынц экологон къахвæндæгтæ

Национ парчы æрдзон маршруттæ ногæй цæттæ сты туристты суазæг кæнынмæ. Сезон байгом кæныны размæ специалисттæ сыгъдæг кæнынц экологон къахвæндæгтæ. Фыццаг къабæзтæй иу у экологон къахвæндаг «Цард». Цæуы историон бынæтты æмæ кувæндæтты уылты. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ахæм уавæр – хуымæтæг хабар зымæджы фæстæ хæххон фæндæгтыл. Хауд бæлæстæ æмæ фæхстæй калд дуртæ хъæуы сыгъдæг кæнын туристты *рбацыдмæ.

Сезоны райдиан алы къахвæндаг дæр сыгъдæггонд цæуы бæстон. Специалисттæ сног кæнынц хъыгдард бынæттæ, бацæттæ кæнынц маршруттæ туристты суазæг кæнынмæ. Дæргъвæтин уазалты фæстæ ахæм бынæттæ чысыл нæ вæййынц. Куыстытæ цæуынц цалдæр раны. Маршрут «Цард»-ыл кæронмæ фæвæййынц. Ацы къахвæндаджы дæргъ у километр æмæ *рдæджы бæрц. Цæуы Фæсналы нæзыбæласы хъæды территорийыл. Ауылты балцы рæстæг, рæстæмбисæй йæ райдианæй йæ кæронмæ, уыдзæн 3 сахаты.
Къахвæндаг «Сард» æрмæст хъæды астæу маршрут нæу, фæлæ бæлвырд историон тыгъдад. Ам хæхты астæу ис, традицион культурæйы хай чи у, ахæм рагон кувæндæттæ. Уыдонæй иу – Узунæг – у комы зындгонддæр бынат. Хосгæрдæнты размæ-иу адæм ам сæмбырд сты, куывтой, куырдтой æнæниздзинад, фарн æмæ хорз тыллæг.

Национ парчы ис дæсгай маршруты. æхсæзæн дзы ис сæрмагонд паспорттæ. Се *хсæн – къахвæндæгтæ æхсæрдзæнтæ Галдорион æмæ Байрадимæ, Кубусы хохы алыварс фæндаг, стæй даргъдæр маршруттæ цъититæм.

Национ парчы территори у фæдзæхст бынат. Ам ис стæм цæрæгойты æмæ зайæгойты хуызтæ. Сæ уавæрмæ сын специалисттæ цæстдарынц æдзух.

Маршрутмæ рацæуыны размæ туристтæн фæдзурынц æдасдзинады домæнты тыххæй: хъуамæ алкæмæдæр уа бардæттæг гæххæтт, къахвæндæгтыл балц та саразæн ис æрмæстдæр боныгон. Рох кæнын нæ хъæуы хæххон æрдзы хицæндзинæдтæ – фембæлæн дзы ис алыхуызон цæрæгойтыл, уыдонимæ æрсытæ дæр. Уый тыххæй хи хъахъхъæнын хъæуы, маршрут та æндæр хуызон рацаразæн нæй.

Уазджытæн ныридæгæн байгом кодтой 4 маршруты. Иннæтыл абалц кæныны фадат уыдзæн къæпхæнгай – июны дæргъы, сæ цæттæдзинадмæ гæсгæ. æмæ тагъд рæстæг маршруттæ иууылдæр гом уыдзысты, хæхты æрмæст фæндаг нæ, фæлæ æнкъарæнтæ чи агуры, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania