филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:53 пятница, 19 июня 2026
19 июня 2026, 10:33
Клуб «Краснодар»-ы æмæ Уæрæсейы иугонд командæйы дуаргæс æгкацаты Станислав фембæлд футболуарзджытимæ

Мадзалы архайдтой спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ æмæ фæсивæдон футболон командæты уæнгтæ

Клуб «Краснодар»-ы æмæ Уæрæсейы иугонд командæйы дуаргæс æгкацаты Станислав фембæлд футболуарзджытимæ. Мадзалы архайдтой спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ æмæ фæсивæдон футболон командæты уæнгтæ. Зындгонд спортсменмæ лæвæрдтой фæрстытæ йæ карьерæйы, фидæнмæ нысанты æмæ зындзинæдты тыххæй. Уæлдай тынгдæр та сæ фæндыд базонын, Станиславыл 10 азы куы цыди, уæд йæхицæн цавæр амынддзинæдтæ раттаид. Кæронбæттæны арæзт æрцыд автограф-сесси, стæй ма фæсивæд лæварæн райстой æгкацаты Станиславы дуаргæсы æрмкъухтæ, футболкæ æмæ пурти.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania