филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 вторник, 03 ноября 2026
24 июня 2026, 09:30
Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы студенттæ базылдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Хуыбаты Мария кæм цæры, уыцы подъездмæ

Лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи хъарутæй скодтой къулсæрст, уый фæстæ сæ сахуырстой, æмæ афтæмæй подъезд сси аив æмæ райдзаст

Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы студенттæ базылдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Хуыбаты Мария кæм цæры, уыцы подъездмæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи хъарутæй скодтой къулсæрст, уый фæстæ сæ сахуырстой, æмæ афтæмæй подъезд сси аив æмæ райдзаст. Акци расидт техникумы директор, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Дзгойты Станислав. Куыд радзырдта, афтæмæй ахæм хæлар хъуыддæгтæ фæсивæдæн сты ахадгæ. Ахуыр сæ кæнынц бæрнондзинадыл, хистæртæн кад кæныныл, æмæ нын сабыр дуне чи балæвар кодта, уыцы хæсты хъæбатырты хъуыды кæныныл. Хуыбаты Марияйыл цæуы 98 азы. Райгуырд Смоленскы облæсты. Фыдыбæстæйы Стыр æхстыл сæмбæлд хæрзæрыгонæй. Уыд немыцаг уацары, фæлæ йын бантыст алидзын. Фронты уæвгæйæ зæрдиаг æххуыс кодта санитаркæтæн. Афтæмæй æгæрон æвæрæн хаста Стыр æмæ иумæйаг Уæлахизмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania