Йæ куыстытæ *вдисынц адæймаджы миддуне, йæ хъуыдытæ
Алыхуызон æрмæгæй конд сæдæгай скульптурæтæ аив кæнынц, Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилæйы хæдзар. Йæ куыстытæ *вдисынц адæймаджы миддуне, йæ хъуыдытæ. Ивгъуыды стæм предмæттæ æмæ нырыккон уацмыстæ куыд баиу вæййынц, уый фенынмæ æдзух æрбацæуынц адæм. Не сфæлдыстадон къорд дæр иуварс нæ баззад. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Фыццаг бакастæй — хуымæтæг хъæуккаг хæдзар Хъарман -Сындзыхъæуы. Сабыр кæрт, бæлæстæ, дидинджытæ. Фæлæ къæсæрæй куы бахизай, уæд бахаудзынæ аивады тыгъдадмæ. Алы дзаумæ дæр — хæдзары хицауы миддуне *вдисæг. Уæрæсейы аивæдты академийы корреспондент-уæнг, Цæгат Ирыстоны адæмон скульптор Хъараты Людмилæ 20 азмæ хæстæг йæ хæдзарæй аразы гом арвы бын музей. Дæсгай аивадон уацмыстæ баиу сты æрдзимæ, сфæлдыстадон улæфт — алы предметы дæр. Хъараты Людмилæйæн скульптурæ æрмæст дæсныйад нæу, фæлæ дуне æмбарынады фадат. Ахуыргæнгæйæ йæхи фæлвæрдта нывкæнынады, керамикæйы, монументалон аивады. Фæлæ-иу алы хатт дæр раздæхт пластикмæ. Скульпторы ныхæстæм гæсгæ, цымыдисаг ын уыдысты æрмæст уацмысы сюжет æмæ сурæты истори нæ, фæлæ йæ конд — аив æмæ æххæст. Йæ куыстытæй алкæцыдæр равзæры, тыгъдад, геометри æмæ адæймаджы миддуне куы баиу вæййынц, уæд.
Скульптурæтæ уазæгæн «æгас цæуай» зæгъынц кæрты. Фенæн сæ ис бæлæстæ *хсæн, къахвæндæгты фæрсты, æрмадзы раз. Цæрæн бынат рагæй сси стыр аивадон хъуыдыйы хай. Кæддæр уыдис хуымæтæг хъæуккаг хæдзар. Хъараты Людмилæ йæ балхæдта 2008-æм азы. Уæд агуырдта бынат æрмæст цæрынæн нæ, фæлæ кусынæн. Афтæ йæ хъысмæт æрбакодта йæ фыдæлты хъæумæ.
Йæ куыстытæ йын ис базонæн. Композицитæй бирæтæ сты адæймаджы миддуне *вдисæг, арф хъуыдытыл дзурæг. Рæстæджы цыдимæ уыцы аивадон æвзаг сси скульпторы æрмдзæф. Хъараты Людмилæйы ном зындгонд у Ирыстоны, Уæрæсейы, стæй фæсарæнты. Йæ уацмыстæ фенæн ис Европæйы галерейты æмæ музейты, сты дунейы бирæ бæстæты цæрджыты хи коллекциты. Йæ стырдæр хæрзиуæгыл нымайы Парижы æппæтадæмон конкурсы уæлахиздзау кæй сси, уый. Хъараты Людмилæ у 100-йæ фылдæр куысты автор. Скульптурæтæ аразгæйæ пайда кæны дурæй, бронзæйæ, пластик æмæ хъæдæрмæгæй. Хъараты Людмилæйы музей æрмæст нырыккон аивад нæу. Ам цæсты гагуыйау хъахъхъæд цæуынц ивгъуыды предметтæ. Рагон итутæ, æрмдæсныты мигæнæнтæ, хæдзары дзаумæттæ — иутæ йын баззадысты йæ хистæртæй, иннæтæ та йын хъæуы цæрджытæ балæвар кодтой. Афтæ сабыргай фæзынд ног экспозици. Ам æдзух вæййынц уазджытæ — кæмæндæр цымыдисаг у аивад, чидæртæ та æрбацæуынц сæ миддуне фæхъæздыгдæр кæнынмæ. Фæлæ сæ æвæлмастæй ничи баззайы.




