Баст уыд Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы номимæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд 9-æм æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй. Баст уыд Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы номимæ. Се спортивон цæттæдзинад дзы равдыстой 300 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы 21 регионæй. Се хсæн уæрæсейаг æмæ æппæтадæмон ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Турниры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Уысмы фæстæ дæр ма ацы ерысы хатдзæг бæлвырдгонд нæ уыд. Фæлæ финал Байаты Марияйæн æрхаста уæлахиз. Армрестлингмæ спортсменкæ æрбацыд 5 азы размæ, сразæнгард æй кодтой йæ хойы æнтыстдзинæдтæ. Ныр у Уæрæсейы спорты мастер. Фыццаг бон, галиу къухæй ерыс кæнгæйæ, иу хатт дæр нæ фæхæрд.
Вячеслав Кутателадзе дæр армрестлингмæ æрбацыд йæ хæлармæ гæсгæ. Уый йæ 11 азы размæ æрбахуыдта тренировкæтæм. Уæдæй нырмæ, спортимæ уæлæнгай зонгæйæ, рауад ахсджиаг фæндаг, кæцы йæ *рбахуыдта, спорты мастеры ном кæм райста, бæстæйы ахæм кадджындæр турниры архайынмæ. Кæд ерыс цалдæр уысмы йеддæмæ нæ фæцæуы, уæддæр æм фæцæттæ кæнынц мæйгæйттæ.
Ацы аз Дзæуджыхъæумæ ссыдысты 300 спортсменæй фылдæр бæстæйы 20 регионæй. Се *хсæн — Уæрæсейаг æмæ æппæтадæмон турнирты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Дыууæ боны дæргъы профессионалон уæзты ерыс цыдис, майдантæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæ рамбулынæй.
Ерыстæ саразджытæ — Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны спорты министрадтæ, стæй Уæрæсейы армрестлинджы Федераци. Ахæм æххуысы руаджы турнир регионалон ерысты арæнтæй рагæй фæуæрæхдæр, æдзух сæмбырд кæны тыхджындæрты.
Иутæн ацы ерыстæ — хорз фадат хи равдисынæн, иннæтæн та — цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад фæбæлвырд кæнынæн. Архайджыты иу кæны, Еналдыты Аслæнбеджы номыл турнир Уæрæсейы армрестлинджы ахсджиагдæр ерыс кæй у, уый. Уæрæсейы сгуыхт тренер, Советон Цæдисы чемпион, дунейы æмæ Европæйы призер. Йæ номыл турнир баиу кæны алы фæлтæрты спортсменты æмæ дарддæр хæццæ кæны, йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы хъуыддаг. Азæй азмæ, бæстæйы тыхджындæр спортсменты сæмбырдгæнгæйæ, турнирæн фæуæрæхдæр вæййы йæ географи. Уыимæ рæзы армрестлингмæ цымыдисдзинад, ног нæмттæн æмæ уæлахизтæм фæндаг гом кæнгæйæ.




