филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:21 вторник, 03 ноября 2026
09 июля 2026, 10:32
Форум «Фæлтæрты хъæлæс: бинонты историйæ Уæрæсейы фидæнмæ» уыд Æрæфы районы центрон библиотекæйы

Бацæттæ йæ кодтой районы территориалон æвзарæн къамис æмæ библиотекæ

«Фæлтæрты хъæлæс: бинонты историйæ Уæрæсейы фидæнмæ». Ахæм сæргондимæ форум уыд Æрæфы районы центрон библиотекæйы. Бацæттæ йæ кодтой районы территориалон æвзарæн къамис æмæ библиотекæ. Мадзал арæзт уыд фæлтæрты хсæн диалоджы хуызы. Хистæр кары минæвæрттæ радзырдтой сæ царды фæлтæрддзинады, æвзæрстыты æмæ граждайнаг бæрнондзинады нысаниуæджы тыххæй. Фæсивæд дæр загътой, хъæлæс кæныны архайын ахсджиагыл цæмæ нымайынц, уый. Цымыдисаг уыдысты сывæллæттæ цы нывæцæнтæ бацæттæ кодтой, уыдон. Загътой сæ хъуыдытæ бинонты, Фыдыбæстæйы æмæ хъæлæс кæныны бары нысаниуæджы тыххæй. Форумы ма арæзт æрцыд «Царды бæлас». Алы архайæг дæр дзы бафыста йæ ном, æмæ ныууагъта йæ бинонты историйы хай. Уый сси фæлтæрты бастдзинады символ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania