Цæрджытимæ фембæлд арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æхсæнадон æххуыс штабы
Æхсæнадон территориты аивдзинад, бизнесæн æххуысы мадзæлттæ, хъæууонхæдзарадон къабазы рæзт. Ахæм фарстатимæ республикæйы цæрджытæ æрбацыдысты парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразмæ. Цæрджытимæ фембæлд арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æхсæнадон æххуыс штабы. Фыццаг уал Парламенты спикер аныхас кодта амалхъом адæймаг Цорионты Батразимæ. Кæны фосдарыны куыст. 2022-æм азы райста грант 7 милуан сомы. Фæрæзтæ схардз кодта фосы нымæц фæфылдæр кæныныл. Уыцы мгъуыдмæ 200 сæрæй систы 2 мин сæры онг. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уый у хорз дæнцæг, паддзахадон æххуысæй куыд ахадгæйæ пайда кæнынц, уымæн. Ныр фермер фæнд кæны йе ргом дыргъдарæн куыстмæ аздахын. Нудæс гектары зæххытыл фæнд кæны æхсæр зайын кæнын. Уый тыххæй дæр йæ зæрдæ дары паддзахады æххуысыл.
Уымæй дарддæр сæ фарстатимæ парламенты сæрдармæ æрбацыдысты республикæйы мыггæгтæ фæлварæн паддзахадон къамисы минæвæрттæ. Ныхас цыд, зæххы хæйттæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Сæрмагондæй архайынц мыггæгтæ фæлварыныл. Уыдон фæстæдæр хаст æрцæудзысты федералон реестрмæ. Æхсæнадон территорийы аивдзинадыл Тускъаты Таймураз аныхас кодта Гæбæраты мыггаджы минæваримæ. Куыд радзырдта, афтæмæй Гæбæраты Иваны номыл сквер Доваторы проспекты хъæуы сног кæнын. Ацы фæллдауадзæн зонæ бынæттон цæрджытæ тынг уарзынц, фæлæ йæ уавæр у базилинаг. Хъæуы асфальт баивын æмæ дзы брусчаткæ сæвæрын. Уымæй дарддæр бандæттæ, рухсытæ æмæ бордюртæ. Спикер куыд загъта, афтæмæй уый у ахсджиаг хъæппæрис, æмæ йыл бакусдзысты горæты администрациимæ. Уæвгæ та Тускъаты Таймуразмæ адæм æрбацыдысты алыхуызон фарстатимæ, æмæ сыл хъæуы бакусын.




