10 июля 2026, 10:33
Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрады хуссар æфсæддон зылды хъармгæнæнтæ цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ
Дыууæ азы размæ бындурон цалцæг скодтой 29-æм æфсæддон горæты хъармгæнæны
Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрады хуссар æфсæддон зылды хъармгæнæнтæ цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ. Дыууæ азы размæ бындурон цалцæг скодтой 29-æм æфсæддон горæты хъармгæнæны. Баивтой дыууæ тæвдгæнæн аджы. Ацы аз та снысан кодтой поселок Луковскийы объекты бындурон цалцæг. Баивдзысты донцъирæн æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты бæстыхай, баивдзысты йын йæ сæр æмæ разуынд. Бацæттæ ма кодтой æфсæддон госпиталы газæй кусæг модулон хъармгæнæн дæр.
темæмæ гæсгæ




