филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:55 среда, 22 июля 2026
15 июля 2026, 10:39
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд шахмæттæй бинонты турнир

Архайдтой дзы 20 адæймаджы онг

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд шахмæттæй бинонты турнир. Архайдтой дзы 20 адæймаджы онг. Уыдысты сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ. Сæ зонындзинæдтæ равдисыны фадатæй спайда кодтой алы æмвæзады цæттæдзинады ерысгæнджытæ. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кодтой уæлахиздзауты æмæ призерты. Радтой сын зæрдылдарæн лæвæрттæ. Мадзал арæзт æрцыд, æппæтуæрæсеон спортивон марафон «Уæрæсейы тых» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania