16 июля 2026, 10:42
Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæй фæсивæдон бæрæгбон «Алые паруса»-йы чи архайдта, уыдонимæ
Се хсæн – олимпиадæты æмæ конкурсты уæлахиздзаутæ, стæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ
Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæй фæсивæдон бæрæгбон «Алые паруса»-йы чи архайдта, уыдонимæ. Се хсæн – олимпиадæты æмæ конкурсты уæлахиздзаутæ, стæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ. Фæсивæдæн бацæттæ кодтой экскурситæ, бабæрæг кодтой музейтæ, базонгæ сæ кодтой Цæгатаг сахары зæрдылдарæн бынæттимæ. Бирæтæ дзы Санкт-Петербурджы уыдысты фыццаг хатт. Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæсивæдæн ацы балц сырæзт Ленинграды облæсты вице-губернатор Константина Патраевы хъæппæрисæй. Ивгъуыды уыди къорд «Аланийы» уæнг, йæ фæсномыг «Мир».
темæмæ гæсгæ




