филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:30 вторник, 03 ноября 2026
28 июля 2026, 10:37
Майрамададжы традицимæ гæсгæ дидинджытæ сæвæрдтой Суаргом хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл æмæ Æнусон артыл

1942-æм азы ам цыдис æгъатыр хæст

Майрамададжы традицимæ гæсгæ дидинджытæ сæвæрдтой Суаргом хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл æмæ Æнусон артыл. 1942-æм азы ам цыдис æгъатыр хæст. Фæмард дзы 648 курсанты — наудзæуджытæ æмæ Сырх æфсæддонтæ. Уыдон знаджы нæ бауагътой бацæуын ахсджиаг объектмæ — Арвыкомы фæндагмæ. Æрыгон хъæбатырты мысæн мадзæлтты архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, вице-адмирал Сергей Меняйло, ветерантæ, Республикæйы Хицауады, Алагиры районы æмæ æхсæнадон куыстуæтты минæвæрттæ.  Æфсæддон наудзæуджыты бон  æрвылаз фæбæрæг кæнынц июлы фæстаг хуыцаубоны — æфсæддон наудзæуджыты — Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты кадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania