филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:36 вторник, 03 ноября 2026
05 августа 2026, 10:32
Дзæуджыхъæуы цæуы фæндæгты дзыхъхъыты цалцæг

Сæйраг магистральтæм базылдысты, ныртæккæ бригадтæ кусынц цалдæр уынджы

Дзæуджыхъæуы цæуы фæндæгты дзыхъхъыты цалцæг. Сæйраг магистральтæм базылдысты, ныртæккæ бригадтæ кусынц цалдæр уынджы. Хицæн бынæтты иуварс кæнынц асфальты хъæндзинæдтæ. Ныридæгæн цалцæггонд иумæйаг фæзуат у 30 мин квадратон метры. Дзыхъхъытæ æмбæрзæн цалцæг куы фæуой, уæд специалисттæ райдайдзысты кæртыты хсæн ацæуæнтæм зилын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæмæй лæгъз асфальт фæзына, уый тыххæй ам техникæ иу хатт нæ ацыд. Фыццаг фæндаджы дзыхъхъ хъæуы бæлвырд бацæттæ кæнын: сисынц пырх уæлцъар, уаццаг æмæ кæрæттæ ссыгъдæг кæнынц, стæй дзы æркалынц бИтум. Æрмæст уый фæстæ сæвæрынц ног асфальт æмæ йæ ныннæмынц сæрмагонд техникæйы фæрцы.

Ацы аз дзыхъхъытæ æмбæрзæн цалцæгмæ бавнæлдтой раздæр – нырма февралы. Апрелæй июльмæ къæвдатæ арæх уыдысты. Уый аххоссæй куыст къуылымпы кодта æмæ уæлцъар тагъддæр пырх кодта. Ныртæккæ магистралон уынгты сæйраг лыггæнинаг уаццагтæ цалцæггонд сты. Бригадтæ рахызтысты хицæн бынæтты дзыхъхъытæ æмбæрзынмæ. Абон куыстытæ уыцы иу рæстæг цæуынц 6 уынгыл.

Бонмæ иу бригадæн йæ бон у сног кæнын асфальты 300 квадратон метры бæрц. Æдæппæтæй ныртæккæ горæты уынгты кусы 3 бригады – алкæцыйыдæр фæйнæ 15 адæймаджы.

Иннæ къæпхæн — кæртыты хсæн ацæуæнты  цалцæг. Райдайдзæн, специалисттæ  дзыхъхъытæ æмбæрзæн цалцæг куы фæуой, уæд. Уæвгæ, ахæм куыстытæ Дзæуджыхъæуы æххæстгонд фæцæуынц афæдзы дæргъы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania