Ныртæккæ бындуронæй иртасынц пъадвалты уавæр
Республикæйы дарддæр цæуы, бирæфатерон хæдзæртты зымæгмæ цæттæдзинады фæдыл цæстдарæн куыст. Ныртæккæ бындуронæй иртасынц пъадвалты уавæр. Уымæн æмæ уым арæхдæр вæййынц лыггæнинаг фарстатæ. Уыдон та хъармгæнæн сезоны расайынц æнæнхъæлæджы фæстиуджытæм. Алагиры цæрæнуæтты-коммуналон цæстдарды специалисттæ расидтысты мониторинг. Уый фæстæ хæдзæрттæ райсдзысты цæттæдзинады паспорттæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Фæстаг хатт ног, хæрзхъæд доны хæтæлтæ йæ хæдзары пъадвалы Толпарты Константин федта 1986-æм азы ардæм куы раивта, уæд.
Алагиры цæрæг куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ хъармгæнæн æмæ донæххæстгæнæн системæйы куыст нæ къуылымпы кæны, фæлæ уæддæр адæм мæт кæнынц. Хæтæлтæ кæд атондзысты, уый бæрæг нæу. Сæ хъуыдытæ Толпарты Константин æмæ Хетæгкаты Къостайы уынджы бирæфатерон хæдзæртты иннæ цæрджытæ загътой республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады цæстдарæн управленийы кусджытæн пъадвалы агъуыстыты мониторингы рæстæг. Специалисттæ сбæлвырд кодтой 3 пъадвалы. Уыдонæй йæ уавæр зæрдæмæдзæугæ уыд æрмæст иуæн. Æмæ уый хуымæтæджы нæ. Ам цæрджытæ лæмбынæг цæст дарынц сыгъдæгдзинадмæ.
Ацы мониторинг у 2026-27-æм азты фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæныны хай. Йæ нысан – цæрджыты æдасдзинад æмæ сæ исбон бахъахъхъæнын. Алагиры цæрæн комплексы разамынддæттæг компанийы разамынд зæрдæ бавæрдта, специалистты æппæт фиппаинæгтæ хыгъд кæй æрцæудзысты, æмæ сæм сæрмагонд цæстдард кæй уыдзæн, уымæй.
Пъадвалтæ нымад сты уæлæмхасæн тæссаг зонæтыл, уымæ гæсгæ разамынддæттæг компанитыл æмæ цæрæнуæтты хицæутты æмбаладтыл æвæрд ис хæс, сæ уавæрмæ лæмбынæг цæст дарын. Бæлвырдгæнæн мадзæлттæ ныридæгæн уыдысты поселок Спутникы æмæ Дзæуджыхъæуы.
Домæнтæн цы пъадвалы агъуыстытæ дзуапп нæ дæттынц, уыдон хъуамæ æмбæлгæ техникон уавæрмæ æркæной 15 августмæ. Æнæ уымæй, профилон министрады хæслæвæрдмæ гæсгæ, зымæгмæ хæдзæртты цæттæдзинады акттæ нæ бафысдзысты.




