11 августа 2026, 10:40
50 мин ног ахуыргæнæн чиныгæй фылдæр фæзындзæн ног ахуыры азы райдиан республикæйы скъолаты ирон æвзагæй æмæ литературæйæ
Уый тыххæй йæ канал МАХы фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло
50 мин ног ахуыргæнæн чиныгæй фылдæр фæзындзæн ног ахуыры азы райдиан республикæйы скъолаты ирон æвзагæй æмæ литературæйæ. Уый тыххæй йæ канал МАХы фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн чингуытæ ныридæгæн ахуыргæнæндæттæ райстой. Дарддæр та райсдзысты чингуытæ хистæркъласонтæн. Ахсджиаг у уый, цæмæй мадæлон æвзаг канд ахуырты нæ зæла, фæлæ ма йæ сывæллон хъуамæ хъуса йæ хæдзары дæр, — загъта регионы разамонæг.
темæмæ гæсгæ




