филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:57 вторник, 03 ноября 2026
19 августа 2026, 10:30
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æртæвæрсыг къамисы æмбырд

Ныхас кодтой социалон-фæллойадон ахастдзинæдтыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æртæвæрсыг къамисы æмбырд. Ныхас кодтой социалон-фæллойадон ахастдзинæдтыл. Стыр æргом аздæхтой кусджыты бартæ хъахъхъæныны гæнæнтæ парахтадæр кæнынмæ, æмæ нæ регионы æмбæлгæ æмæ æдас уавæртæ аразынмæ. Æмбырды хаст æрцыд уынаффæ, ног æртæвæрсыг бадзырдыл бакусыны тыххæй. Баиу кæндзæн республикæйы профцæдисты, куыстдæтджыты иугонд æмæ регионы хицауад. Ныры онг цы бадзырд ис, уымæн йе мгъуыд фæуыдзæн ацы аз. Ног документ та арæзт уыдзæн 2027-æм — 2029-æм азтæн. Уый у сæйраг бадзырд. Уæлдай æргом аздахын хъæуы фæсивæды, инвалид адæмы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты гарантитæм, — загъта премьер-министр. Цæгат Ирыстоны фæллойадон закъонæвæрынады нормæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ цæст дары республикæйы фæллойы Паддзахадон инспекци. Ведомствойы разамонæг Берозты Тамерлан радзырдта, ныридæгæн цавæр куыст цæуы, фæллойгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania