филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:30 вторник, 03 ноября 2026
20 августа 2026, 09:14
Дзæуджыхъæуы 15-æм скъолайы уыдысты терроризмы ныхмæ æппæтуæрæсеон ахуыртæ

Архайдтой дзы мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты, æдасдзинады федералон службæйы управленийы, Уæрæсейы гвардийы кусджытæ, стæй Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ ахуыргæнæндоны минæвæрттæ

Дзæуджыхъæуы 15-æм скъолайы уыдысты терроризмы ныхмæ æппæтуæрæсеон ахуыртæ. Архайдтой дзы мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты, æдасдзинады федералон службæйы управленийы, Уæрæсейы гвардийы кусджытæ, стæй Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ ахуыргæнæндоны минæвæрттæ. æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ скъолайы территорийы адæм амынæты бахаудысты. Хъахъхъæнджытæ æмæ скъолайы кусджытæ, æвæстиаты службæтæ бакуыстой, ахæм уавæры куыд архайын хъæуы, ууыл. Ахæм тренировкæтæ æххуыс кæнынц ахуыргæнæндæтты æмæ æвæстиаты службæты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania