Хатдзæгтæ йын скодтой Мæскуыйы форумы
Æрыдон, Дигора æмæ Елхот уæлахиздзаутæ систы аивдзинады хуыздæр проектты æппæтуæрæсеон конкурсы. Хатдзæгтæ йын скодтой Мæскуыйы форумы. Проект царды рауадзынæн нæ республикæ федералон бюджетæй райсдзæн 240 милуан сомæй фылдæр. æрыдоны куыстытæ ныридæгæн райдыдтой. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Зæронд фонтанæн ног цард. Ацы объект æрыдоны фæзынд нырма 70-æм азты æмæ сси сæйраг фæзы хай. 2018-æм азы йæ рацарæзтой, æмæ та йæ ныр ног кæнынц. Хъахъхъæнынц историон бындур, уыимæ пайда кæнынц нырыккон технологитæй.
Каскадон фонтан суыдзæн ноггонд фæзы центрон хай. Тыгъдад æххæстæй скæндзысты фистæгцæуæн – машинæтæ айсдзысты фæлладуадзæн зонæйæ. Ам фæзындзæн æнцон маршруттæ, аууон бынæттæ, телефонтæ сифтындзынæн фæрæзтимæ бандæттæ. Изæры та тыгъдад аивгонд цæудзæн рухсытæй.
Елхоты сфæнд кодтой базилын, дæсгай азты дæргъы спортивон царды центр цы бынат уыд, уымæ. Зæронд стадион байгом 70-æм азты æмæ уæдæй фæстæмæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Ныр ам нысан кæнынц саразын нырыккон тыгъдад. Бынат дзы уыдзæн активон фæллад уадзынæн дæр, æмæ сабыр уавæры рæстæг арвитынæн дæр. Фæзындзæн згъорæн фæндæгтæ, сывæллæттæн хъазæн фæз, фæлладуадзæн зонæ æмæ амфитеатр.
Ацы аз аивдзинады хуыздæр проектты æппæтуæрæсеон конкурсы Цæгат Ирыстонæй уæлахиздзаутæ систы æрыдон, Елхот æмæ Дигора. Аивгонд цæудзысты республикæйы иннæ горæтты æмæ хъæуты æхсæнадон тыгъдадтæ дæр. æрмæст ацы аз национ проект «Цардæн инфраструктурæ»–мæ гæсгæ базилдзысты 41 территоримæ. Ноджыдæр ма 40 æхсæнадон зонæйы та сног кæндзысты иннæ аз.




